Осетинский перевод Г. Дз. Плиева
Источник: Слово о полку Игореве / Переводчик Г. Дз. Плиев. Орджоникидзе, 1988.
- 1. Цæй-ма, бавдæлæм, æфсымæртæ,
Фыдæлтон хъарæгау, ракæнæм
Хъыгаг, судзаггаг сау сагъæс
Святославы фырт Игорыл
Æмæ йе ’фсады бабыныл. - 2. Æцæг сау сагъæс райдайæд
Бояны таурæгъау нæ, фæлæ
Ныры тæригъæддаг хабарæй. - 3. Дардуынаг, арфзонд Боян, дам-иу,
Куы хъавыд искæуыл зарынмæ,
Уæд, дам-иу, йæ хъуыды сзиллакк и
Хъæды бæлæстыл тыртынайау,
Зæххыл зылди цъæх бирæгъау,
Цæргæсау тахтис æврæгътæм. - 4. Арфзонæг Боян-иу мысыди
Рагфыдæлтон хъæзтытæ дæр:
Рауагъта-иу дæс уарийы
Доныхъазты тæхгæ дзугмæ, –
Цы доныхъазы-иу баййæфтой,
Уый-иу зарæг ныццæлхъ ласта
Фыдæл Ярославы стыр кадæн,
Роман Святославичы намысæн,
Æмæ кæсгæтты полчъы раз
Балхон Редедейы рамарæг
Хъæбатыр Мстиславы стыр цытæн. - 5. Уæд-иу Боян та, ’фсымæртæ,
Дæс уарийы куы нæ рауагъта
Доныхъазты тæхгæ дзугмæ –
Уый-иу стъæлфаг дæс æнгуылдзæй
Фæндыры тæнтыл аныдзæвд,
Æмæ-иу уыдон балхонтæн
Намысыл кодтой илæлæй. - 6. Уæдæ райдайæм, æфсымæртæ,
Ацы сагъæс рагон Владимирæй
Ацы заманмæ – ныры Игорьмæ,
Йе ’хсар йæ зондыл кæмæн фæтых,
Риуæмбæрц хæцынмæ чи бырста - 7. Æмæ йе ’дæрсгæ ’фсадимæ
Хæтойты зæххытæм чи бырста
Руссаг зæххыты бархийыл. - 8. Æмæ скæсы Игорь рухс хурмæ,
Æмæ уыны: талынг ын йæ разы
Йе ’фсæддонты æрæхгæдта… - 9. Æмæ дзуры Игорь йе ’фсадмае:
- 10. «Ме ’фсымæртæ æмæ ме ’мбæлттæ!
Лæгæн амæлæт кадджындæр
Уацары йæхи раттынæй! – - 11. Уæдæ бабадæм, æфсымæртæ,
Нæ хæстмæтырнæг дугьæттыл,
Доны цъæхдармæ акæсæм!» - 12. Ссыгъди йæ фæндон балхонаен,
Стыр Донæй нуазыны цыбæл ын
Хуры батары тæссаг нысан
Йæ сæры хъуыдытæй бамбæхста. - 13. «Фæнды мæ, – загъта, – руссæгтæ,
Мæ цирхъ асæттын сымахимæ
Хæтойты хæцæн быдыры:
йе дзы мæ сæр хъуамæ байсæфа,
йе та дзы ме згъæр худы дзаг
Донæй хъуамæ дон баназон!» - 14. О Боян, дзырддæсны, зарæгуарз,
Зæронд заманы булæмаргъ!
Уыцы тугкалæн хæстытыл
Ды куы зарис дæ кадæджы –
Сæры магъзы азæлис, булæмаргь,
Зондæй тæхис уæд æврæгътæм,
Кад кæнис, бæргæ, фаронæн,
Намыс амаис фидæнæн;
Уаис Трояны къахвæдыл,
Зилис хæхтæ ’мæ быдыртыл, - 15. Зарис кадджыты Игорыл,
Рагон Велесы бындарыл: - 16. «Уад нæ басырдта уариты
Рæгътыл, хæтæнтыл, быдыртыл –
Уый фæтæхы цъиахты бал стыр Донмæ». - 17. Йе та зарис ды, Боян арфуынæг,
Зонынджын Велесы байзæддаг: - 18. «Бæхтæ уасынц фæс-Сулайæ –»
Намыс азæлы Киевы.
Новгороды цæгъдынц хæтæлтæй,
Фæйлауынц турсатæ Путивлы;
Игорь æнхъæлмæ кæсы, артуадзгæ,
Йæ ахсджиаг æфсымæр Всеволодмæ. - 19. ’Æмæ йæм дзуры знæт куыр Всеволод:
- 20. «Игорь – ме ’фсымæр, мæ цæстырухс,
Мах нæ дыууæ дæр – Святославичтæ! - 21. Саргъ авæр, ме ’фсымæр, дæ дугъæттыл,
- 22. Мæ бæхтæ саргъæвæрд, ифтонгæй
Кæсынц æнхъæлмæ Курскы цур, - 23. Мæ курскаг æфсæддон балы та –
Разæнгард, фæлтæрд æфсæддонтæ:
Хæстон хæтæлты хъæр сæ туджы ис,
Ызгъæр худты сын – рæвдауын у,
Арцы фындз та мын у се ’фсадæг; - 24. Зонынц фæндæгтæ,
Бæрæг сын – æрхытæ,
Ивæзт – се ’рдынтæ,
Гом – сæ фатдонтæ,
Ласт – сæ дауд кæрдтæ; - 25. Уæд сæхæдæг та
Уайынц хæтæнты цъæх бирæгътау,
Сæхицæн кад кæнынц, намыс – балхонтæн». - 26. Уæд Игорь алæууыди
зæрин æгьдæнцæйттыл
Æмæ араст и хæтæн тыгъд быдыры; - 27. Хур ын саударæй йæ фæндаг сæхгæдта;
- 28. Æхсæв ыл ниудта саха-къæвдатæй;
Хъæды бæлæстæй мæргьтæ стахтысты,
Сырдты ниуынмæ тарстæй сбалтæ сты; - 29. Хъæдох фæдис кæны стыр тулдзæй,
Сиды дард уæвæг æбæрæг бæстæм –
Суламæ, Идылмæ, фæсденджызмæ,
Корсунмæ, Сурожмæ, стæй ма дæумæ дæр,
Тмутаракайнаг сæрхъæн гуымиры! - 30. Æмæ уайынц æнæнад фæндæгтыл –
Тырнынц хæтойтæ стыр Донмæ:
Хъинц кæнынц уæрдæттæ ’хсæвыгон,
Раст цыма уасынц тарст доныхъазтæ.
Игорь фæкæны Донмæ йе ’фсæдты. - 31. Йе ’намонд та йын мæргътæ базыдтой
Æмæ зилынц йæ фæдыл уæлдæфы;
Бирæгътæ тæссаг ниуд кæнынц адгуыты;
Уаритæ хъихъхъ кæнынц сырдтæм тар хъæды,
Цæмæй рацæуой холы ’хсынынмæ;
Рувæстæ рæйынц сырх уартытыл. - 32. O ды, Руссы ’фсад! Дардмæ ацыдтæ,
Ды фæаууон дæ фæсрагъ арæнæй! - 33. Æхсæв тайы.
- 34. Бон æрбацъæхтæ.
Тар мигъ æрбадти, быдыр æмбæрзы. - 35. Нал тъæлланг кæны булæмаргъ,
Цъиахты ныхас райхъал къутæртыл. - 36. Руссы фырттæ та тыгъд быдыр
Сæ сырх уартытæй æрæхгæдтой:
Уыдон сæхицæн кад кæнынц,
Намыс та кæнынц балхонтæн. - 37. Майрæмбоны сæумæцъæхтыл
Сæ бæхты къæхты бын бассæстой
Муртакты хæтæг æфсæдты,
Æмæ размæ, фаттау тæхгæйæ,
Сæхи бафснайдтой хæтæны,
Хæтойты рæсугъдты аскъæфтой,
Ноджы сын байстой сæ сызгъæрин,
Сæ цыллæтæ æмæ хъæдабæтæ,
Алгьуызон хъуымæцтæ æмæ гауызтæ… - 38. Зынаргъ æмбæрзæнтæй,
Уæздан пæлæзтæй,
Æлдæртты кæрцытæй
Æмæ хæтойты хъал хæрдгæбыдтæй
Æмбæрзтой фæндæгтæ,
Цъыфдзаст бынæттæ
Æмæ цъымаратæ. - 39. Сырх тырысатæ,
аргъуаны сыгъдæг турса,
Турсайы сырх коцора,
Турсайы ’взист хæцæн –
Уыдон та – сахъ Святославичæн! - 40. Стъæлфы рог фынтæй быдыры
Сахъ Оледжы фæдонты ’фсад. - 41. Уый нæ равзæрди ’фхæрынæн
Нæдæр уарийты,
Нæдæр лацийы,
Нæдæр дæу, сау сынт –
Æлгьысты хæтæг муртакк. - 42. Гзак бырсы цъæх бирæгъау сæ ныхмæ,
Гзачы фæдыл та Кончак – лæбуры. - 43. Дыккаг бон сырх сæуæхсид ыскасти,
Бон уыдзæни тугкалæн – бæрæг у… - 44. Денджызæй бырсы тызмæгæй сау мигъ,
Цыппар хуры тар кæнынмæ хъавы…
Арв нырттивы сау мигътæй, ныннæры, - 45. Саха уардзæни арвæй сау зæхмæ!
Къæвда уардзæни сырх-сырхид фæттау! - 46. Уартытыл цирхъытæ сæтдзысты,
Кæрдтæ згъæр худтыл кæндзысты цъула.
Æлгъыстаг муртакты згъæр худтыл! - 47. Руссы ’фсад, ды дард бацыдтæ, тынг дард,–
Рагъарæнæй бахызтæ ды фалдæр!.. - 48. Сау тымыгьтæ, Стрибогы фæдонтæ,
Фаттæ скъæфынц знæгтæй æмæ калынц
Игоры хъæбатыр æфсæддонтыл… - 49. Зæхх, гуымгуымгæнгæ, ризы,
Дæттæ лакъонæй уайынц,
Цъæх рыг быдыр æмбæрзы, - 50. Турсатæ алырдæм дзурынц:
«Хæтойтæ ’рбабырсынц донæй,
Денджызæй, - 51. фæйнæрдыгæй – лæбурынц
Æмæ Руссы ’фсадыл кæнынц хъула; - 52. Зинты цотæй хæцæн быдыр байдзаг,
Бæстæ ризы уыдоны хъæрахстæй;
Уæд хъæбатыр руссаг æфсад та
Хæцæн фæз сырх уартытæй æхгæны. - 53. Ды, æнæрцæф куыр Всеволод!
Зилыс хæстæн йæ тæмæны,
Фаттæ згъалыс
де ’рдынæй хæтойтыл
цъыкк кæныс уартытæ
болат кæрдтæй! - 54. Ды, знæт куыр,
дæ бæх кæдæм фездахыс,
Уым, зæрин худæи цæхæркалгæ,
Зæхмæ згъалыс хæтойты ’лгъыст сæртæ. - 55. фадыс сæрыд æхсаргæрдтæй
Солыйаг уартытæ, знæт куыр Всеволод! - 56. Уæд цы хъæдгомæй фæтæрса, ’фсымæртæ,
Йæ кад, йæ бирæ мулк,
фыдæлтон зæрин фынг
Горæт Черниговы чи ферох кодта,
Науæд йæ хорз æхсин –
Глебы рæсугьд чызджьг
Рæвдыдтæ, узæлдтæ чи ферох кодта,
Уыцы æнæрцæф знæт куыр Всеволод
Цавæр хъæдгомæй хъуамæ фæтæрса? - 57. Уæд уыдысты сау Трояны дугтæ,
Аивгъуыдтой Ярославы азтæ;
Сахъ Оледжы заман уыд хæстытæ… - 58. Уыцы Олег-иу йæ кардæй къахта
Алы ран уæззау фыдбылыз алкæд,
Æмæ зæххытыл тыдта йæ фаттæ: - 59. Слæууыд-иу сызгъæрин æгъдæнцойыл
Хæцæнмæ бырсæг Тмутараканы, - 60. Æмæ-иу йе згъæрты зæлланг хъуысти
Киевы хъæбатыр Ярославмæ: - 61. Всеволоды сахъ фырт Владимир та
Кодта уæд къæрмæджытæ йæ хъусты,
Кæд Черниговмæ нæ хъусид зæлланг. - 62. Уæд Барис та, Вячеславы фырт,
Кадмæ бæлгæйæ, бырста карз хæстмæ
Стыр Оледжы фарс… Æмæ бабын и
Канин-доны был: мæлæт агуырдта
Æмæ йæ ссардта ’взонгæй цъæх нæууыл; - 63. Каялы (Фæсмоны) донбылæй
Сахъ балхон Ярополк дæр аласта
Угойраг сирæгтыл йæ фыды мард,
Æмæ йæ бахастой Киевы
Сыгъдæг Софйайы аргъуанмæ… - 64. Æмæ уæд, Оледжы ’намонд заман,
Гориславы цот тыдта фыдбылыз,
Æмæ бæстыл сау хæрам ахæлиу;
Сæфтмæ цыд Дожьбогы зæнæг, удæн
А дунейыл кодта цард цыбырдæр… - 65. Нал цыд гутоны фæдыл хуымгæнæг
Æмæ нал хъуыст быдырæй йæ хъæлæс;
Сау сынтытæ уасыдысты мæрдтыл,
Сидтысты сæ кæрæдзимæ цъиахтæ –
Холыйы тæф рахатыдтой дардæй. - 66. Афтæ уыд нæ фыдæлты хæстыты,
Фæлæ гъе ныр Игорæн цы хæст уыд,
Руссы зæххыл ахæм хæст нæма уыд!
Сæуæхсидæй изæрмæ, æгас бон,
Изæрæй сæумæтæм тæхынц фаттæ,
Цæхæр калынц ызгъæр худтыл кæрдтæ,
Болат цирхъытæ сæттынц, къæрцгæнгæ, - 67. Æнæзонгæ тыгъд быдыры астæу,
Хæтойты быдыры тæккæ астæу!
Хæцæн бæхты къæхты бын ыссау и,
Стæгдартæ дзы байтыдæуыд алкæм,
Бирæ дзы сырх-сырхид туг фæкалди,
Æмæ Руссы сæвзæрди уæд сагъæс! - 68. Уый цы хъæр-хъæлæба у
- 69. сæумæйыл?
Игорь хæстмæ йе ’фсæддонты здахы…
Йе ’фсымæр дзы иунæгæй куы хæцы…
Всеволодæн баххуыс кæна хъуамæ. - 70. Бон хæцыди, дыккаг бон дæр афтæ;
Æртыккаг бон Игоры турсатæ
Раст æмбисбон хæцæны æрхаудтой, - 71. Æмæ дыууæ ’фсымæры кæрæдзи
Нал ыссардтой, байуæрста сæ сау хæст
Тагъд дон Кайалы былгæрон нæууыл; - 72. Уым сын хæсты нал ысфаг и туг-сæн;
- 73. Руссы сахъ фырттæ сæ хъал куывд фесты:
Сæ кайысты саурасыг фæкодтой,
Сæхæдæг ныффæлдæхтысты цагъдæй
Руссы бæсты бархиадыл тыгъды… - 74. Тæригъæдæй кæрдæг зæхмæ ’ртасыд,
Бæлæстæ сæ къалиутæ æруагътой… - 75. Ралæууыд, æфсымæртæ, фыдзаман!
- 76. Рагзаман Дожьбогы цот кæм хæцыд,
Уыцы быдыр ныр æдзæрæг баззад.
Фæлæ сыстад уый сæрмæ Æфхæрда…
Саурæсугъд чызг фестадис Æфхæрда
Æмæ раст Трояны зæхмæ бацыд,
Айтыгъта йæ базыртæ фæйнæрдæм
Æмæ, доныхъаз цыма у – Доны
Базыртæй тъæптъæпгæнгæ, æрбадти
Æмæ уым фæлмæн тыхджын хъæлæсæй
Рагзаманы амондыл ныккуыдта: - 77. Æлдæртты хæрамаей – Руссæн йе сæфт!
Æфсымæр æфсымæримæ сбыцæу,
Дзуры: хæйттæ дыууæ дæр мæн ысты!
Ницæй тыххæй кæрæдзи туг нуазынц.
Ардауынц кæрæдзийæн фыдбылыз, - 78. Æмæ Руссмæ алкæцæй лæбурынц
Йе знæгтæ æмæ кæнынц уæлахиз! - 79. Дардмæ батахти цæхæрцæст уари,
Доны фалемæ фæсырдта цъиуты, – - 80. Фæлæ нал ис Игоры ’фсад – бабын!
- 81. Руссыл айхъуыст хистыты дзыназын.
Стыр хъыг сыстад, апырх и хъæуи-хъæу
Æмæ, лæгты хистмæ хонгæ, къухмæ - 82. Судзгæ писи авæры сыкъайы…
Устытæ, цæссыгкалгæ, дзыназынц: - 83. Нал нын ис нæ уарзон лæгты махæн
Раздахæн нæ сæнтты ’мæ нæ фæндты!
Нал нын ис нæ цæстытæй сæ фенаен,
Нал æвзист, нæдæр сызгъæрин махæн! - 84. Нæты Киев, уынæргъы Чернигов,
- 85. Алæсæн и Руссы зæххыл стыр Хъыг;
- 86. Æлдæрттæ кæрæдзимæ лæбурынц,
- 87. Знæгтæ та нæ хъæутæ стигъынц, райгæ,
Урс æхца сын алчи хъуамæ фида… - 88. Æмæ уæд кæй аххосæй уыд а фыд?
Игорь æмæ Всеволоды аххос!
Уыдон зондæй райхъал ис Фыдбылыз:
Раздæр æй ныхъхъус кодта хъæбатыр
Святослав, стыр Киевы сæрхъуызой… - 89. Тарстысты дзы тынг хæтойты хантæ!
Йе ’фсадæй сын уый бырста сæ бæстæм,
Уартæй, цирхъæй сæ ныддæрæн кодта,
Къуыпп уа, дзыхъхъ уа – слæгъз сæ кодта иууыл,
Сызмæста сæм цадæй, зæгъай, фурдæй,
Бахуыскъ кодта хъамыл æмæ лæсæн…
Маргзæрдæ Кобякы та æрцахста
Хæтойты æфсæн æфсæдты астæу,
Фелвæста йæ уырдыгæй тымыгъау,
Аскъæфта йæ Киевмæ раст уадау,
Æмæ Кобяк йе ’наккаг уд систа
Святославы галуаны раз кæрты. - 90. Æмæ зарынц немыц æмæ чехтæ,
Зарынц ноджы грекъ æмæ венецаг
Кады зарæг зондджын Святославæн,
Игорæн та уайдзæф кæнынц зарды,
Хæтойты фурд Кайалы фыдхæсты
Руссы ’фсад кæй бабын кодта, ноджы - 91. Уым кæй рахызти сызгъæрин саргъæй,
Цагъайраджы чъиппайыл кæй бабадт…» - 92. Горæттæ æхгæддуæрттæй лæзæрынц.
Хъæлдзæг бахъус Руссы зæххыл алкæм. - 93. Святослав æнахуыр фыдфын федта:
- 94. «Федтон фын, – уый радзырдта бояртæн, –
Цыма дысон Киевы бæрзондыл
Зазæй конд сынтæджы мæн æмбæрзтой
Сау хъæццулæй, кодтой мыл мæрддзæгтæ; - 95. Маргимæ мын дардæуыд цъæх арахъхъ;
- 96. Æцæгæлон хæтойтæ мын калдтой
Ставд налхъуыты гагатæ мæ риуыл
Се ’лгъæддзаг афтид сайдахътæй, стæй мыл
Радысты, фырнымд митæ мын кодтой. - 97. Уыд мæ хæдзары сызгъæрин цардахъ –
Фехæлдтой, ныппырх æй кодтой уый дæр, - 98. Æмæ хъæды сау халæттæ тарстæй
Æхсæв-бонмæ уасыдысты - 99. Пленскы
Къох кæм уыди, уыцы ран – Кияны;
Сынтытæ фæцъиах-цъиах кодтой, гъе стæй
Атахтысты денджызы ’рдæм балгай…» - 100. Æмæ радтой кънйазæн дзуапп бояртæ:
- 101. «Маст дын, хорз кънйаз, басаста дæ зонды!
- 102. Уый дыууæ уарийы стахтысты
Сæ фыды зæрин фынгæй, бафæндыд
Уыдон тахъаты Донæй баназын,
Тмутаракайнаг горæттæ ссарын.
Æмæ сын хæтойтæ ’рцагътой сæ базыртæ,
Æмæ сыл бакодтой æфсæйнаг сахсæнтæ. - 103. Æртыккаг бон æваст ’гас дуне аталынг!
Дыууæ сырх хуры дæр æваст тар басаста,
Дыууæ рухс цæджындзы æваст фæтар ысты:
Уыдон дæр раззæгтау, арвыл æртадысты –
Дыууæ рухсы, раст дыууæ ног мæйау –
Святославимæ сахъ Владимир дæр!
Хæтойтæ та уæд фесты ныфсхастдæр. - 104. Нæ Рухс нын Каялы басаста Саудалынг,
- 105. Æмæ Руссмæ ныр лæбурынц хæтойтæ,
Кæнынц, дам, карз сырдтау сæхицæн ахстæттæ - 106. Фидис карз хæсты бацыд Кадимæ,
- 107. Тыхми басаста бархийы,
- 108. Сау Хъæдох зæххыл афæлдæхт,
- 109. Райынц цинæй, готтаг чызджытæ
Денджызгæрæтты байдыдтой зарын,
Руссаг зæрины зæллангмæ хъусынц,
Зарынц Бусы уæлахизы кадæн,
Шаруканы маст райсыныл зарынц… - 110. Махонтæ та сæм сæркъулæй хъусынц!»
- 111. Уæд бояртæн дзуаппы хуызы, зондджын
Святослав зæрин ныхасæй загъта,
Судзаггаг цæссыгтимæ хæццæйæ: - 112. «О мæ хуртæ, Всеволод, стæй Игорь!
М’ахсджиаг, мæ удлæууæн хъæбултæ!
Кад агурæг, уе знæгты сæттынмæ
Хорз афон нæ ацыдыстут балцы!
Нæ – уæлахизæй, нæ – тугныккалдæй
Не скодтат сымах уæхицæн намыс! - 113. Уæ хъæбатыр, уæ болат зæрдæтæ
Æхсарæй куы бандидзыдтат хæсты, - 114. Уæд цæмæн фегад кодтат мæ урс сæр?
- 115. Нал ис мемæ ’фсымæр Ярослав дæр!
Уый тыхджын уыд, уый уыд бирæфсадджын,
Йæ иунæг Черниговæгты бардзы
Цас уыдис хъæбатырдæр хæстонтæ:
Бояртæ, зæгъай,
Науæд балхонтæ,
Кæнæ татрантæ,
Йе та – шелбиртæ,
Топчак, ревуг уа,
Ноджы олбертæ.
Уыдон-иу æнæ кард, æнæ уартæй
Састой се знаджы æрмæст сæ хъæрæй, –
Хастой сæ риуты фыдæлты намыс… - 116. Сымах та загътат: нæхæдæг хæцæм!
Басæтдзыстæм сæ нæхи хъаруйæ!
Нæхи бакæнæм сомбоны стыр кад дæр,
Фыдæлтæ кæй скодтой, уыцы стыр кад дæр!.. - 117. Гъей-джиди, æз ма лæппу куы фестин!
- 118. Уари ахстон биид, цъиуты ’ппарид,
Хи ахстонмæ ’ввахс дæр никæй уадзид! – - 119. Фæлæ сагъæс! Кънйæзтæй мын нæй баххуыс!
- 120. Ныр бынтон фыд рæстæджытæ скодта:
- 121. Хæтойты кæрдты бын адæм ниуынц!
Владимир йæ хъæдгæмттæй уынæргъы, - 122. Глебы фырт йæ фыр мæстæй ныннæты…
- 123. Уæд цы ми кæныс, стыр кънйаз Всеволод
Ау, дæ хъуыдыты куыд нæ ратæхыс
Дæ фыдæлты зæрин фынг хъахъхъæнæг? - 124. Де ’фсад Идылы сур дæр бакæнид,
Йе йæ сисид æгасæй тахъаты! - 125. Ам куы уаис, уæд хæтойты къордгай
Уæй кæниккам – чызг хæрз асламыл,
Цагъарты та – ноджы асламдæрыл! - 126. Дæумæ бирæ ис фистæг æфсæдтæ:
Фатæй æхсынмæ дæсны се’гас дæр,
Сты рæстдзæвинтæ; дыууæ уыдонæй –
Глебы фырттæ, сахъ æфсымæртæ! - 127. Ды, сахъ Рюрик, ды, Давид хъæбатыр!
Уе ’фсæдты разæй сызгъæрин худты
Знæгты туджы ленк куы кодтат иумæ! - 128. Уе ’фсæддонтæ хæцæнты куы рыхынц,
Кардæй цæф дзæбидыртæ цыма сты! - 129. Слæуут тагъд уæ зæрин æгъдæнцойыл,
Ацы ’фхæрдмæ ссудзут раст цъæх артау,
Руссаг райгуырæн бæсты сæраппонд,
Игоры хъæдгæмтты тыххæй – хæстмæ! - 130. Ярослав, ды дардуынаг дæ, арфзонд!
Ды бæрзонд сызгъæрин бынат ахсыс –
Галичы хæрз фидар у дæ бандон!
Де ’фсæйнаг æфсад – дæ ныфс, дæ хъару –
Хъахъхъæны Карпаты хъал зæххытæ,
Сæхгæдта дæм паддзæхтæн сæ фæндаг,
Нал уадзы цæуæг Донайы дуæрттыл,
Мигъты бæрзæндæнæй тулы дуртæ
Æмæ схицау ардыгæй Донаймæ! - 131. Афтæ, чи лæууы дæ ныхмæ – де ’фсад
Ласы уыдонмæ дæуæй фыдбылыз…
Киевы куы байгом кæныс дуæрттæ,
Уæд султанты зæххыл фæттæ згъæлынц!.. - 132. Æхс, уæдæ, мæлæтхæссæг фыдлæджы,
Не ’фхæрд райс, ныддæрæн кæн Кончакы,
Руссаг зæххы сæрыл сыст хæцынмæ,
Игоры хъæдгæмты тыххæй – хæстмæ! - 133. Ды, Роман, Мстиславимæ æмзонд дæ!
Хоны уæ уæлахизмæ уæ зæрдæ! - 134. Сахъ дæ ды, бæрзонд тæхы дæ хъуыды,
Уадимæ дæ базыртæй фæхæцыс,
Уарийау цæхæрцæстæй фæкæсыс
Æмæ ссарыс амæттаг дæхицæн… - 135. Ис уæ риутыл згъæр хæдæттæ фидар,
Сты æмæхгæд, фат дæр сæ нæ хизы!..
Алы бæстæ тарстысты сымахæй,
Скæсæн рыст æмризæджы уæ тæссæй,
Деремел, литва, ятваг, хæтойтæ –
Се’гас дæр уæ джебогъты раз хæсты
Сæ болат цирхъытæ зæхмæ калдтой,
Æмæ кодтой зоныгыл уæ разы. - 136. Фæлæ ныр, о Игорь, хур куы батар
Æмæ бæлæстæ сæ сыфтæр калынц: - 137. Мах горæтты Сула æмæ Росы
Удхор хæтойтæ сæхицæн уарынц.
Игоры æфсадæн та фыццагау
Хæцынхъомæй райгасгæнæн нал ис. - 138. Сиды Дон, Роман, æмæ цу, басгуых,
Домы кънйæзтæн се’гасæй уæлахиз… - 139. Фæдисмæ Оледжы фырттæ хъуыстой
Æмæ тагъд фæзындысты хæцынмæ… - 140. Ингвар, Всеволод æмæ сымах дæр,
Сахъ Мстиславы æртæ хорз хъæбулы,
Схаста уæ бæргæ хъæбатыр уари,
Фæлæ давгæ ракодтат уæлахиз
Æмæ раст нæ байуæрстат уæ бынтæ! - 141. Уæд цы фæкодтат уæ зæрин худтæ,
Польшæйаг уæ цирхъ, уæ уарт, – уæ хотых
Уæд цæуылнæ равдисут уынгæг бон? - 142. Хæтойты раз æрæхгæнут арæн,
Сифтындзут уæ цыргъ фæттæ сæ ныхмæ
Руссы зæххыл, Игоры хъæдгæмттыл –
Святославы сахъ фырты сæраппонд! - 143. Сула нал кæлы ’взистын лæсæнтау
Переяславльмæ, æмæ Двина дæр
Уайы хæтойтæм, хъамылы донау,
Полоцкы цур æй сызмæстой знæгтæ!
Фехъуыст Полоцкмæ хæстойты ’лгъаг хъæр! - 144. Æрмæст иунæг Изяслав ныццавта
Болат цирхъытæй æлгъыст хæтойты,
Фæлæ фегад кодта хорз фыдæлты:
Иæхæдæг йæ сырх уартыты фæстæ
Литвайаг цыргъ цирхъытæй фæцæфтæ
Æмæ фæмард тугахуырст кæрдæгыл! - 145. Æмæ уым, йæ уд исгæйæ, загъта:
- 146. «Бамбæрзтон сынты базыртæй ме’фсад,
Скодтон сыл мæрддзæгтæ, стæй сын ноджы
Баназын кодтон сæ сырх туг сырдтæн!» - 147. Нæ уыд йемæ йе ’фсымæр Брячислав,
Нæдæр йе ’ннæ ’фсымæр Всеволод,
Систа иунæгæй йæ налхъуыд уд,
Систа йæ сызгъæрин хъуырдарæнæй
Æмæ йе’хсарджын буарæй ахицæн… - 148. Æмæ нал хъуысынц цины зарджытæ,
Нал цæгъдынц Городнейы уадындзтæ… - 149. Ярославы æмæ Всеславы цот,
Ныр æруадзут уæ сырх тырысатæ,
Нывæрут уæ кæрдтæ сæ кæрддзæмты: - 150. Фыдæлты кадæй æнæхай фестут!
- 151. Уæ хылтæй æмæ уæ быцæутæй
Лæбурын кодтат Руссмæ йе знæгты! - 152. Сау хæтойтæй сымах хуыздæр не стут,
Сымах дæр фыдгæнджытæ уыдыстут!
Ралæууыд Трояны æвдæм æнус, - 153. Уæд Всеслав хал аппæрста Киевыл,
- 154. Абадтис йæ бæхыл æмæ атахтис,
Фæлæ Киевы зæрин къæлæтджыныл
Æрмæст цирхъы хъæдæй аныдзæвд! - 155. Тар æхсæв дзы карз сырдау ралыгъди:
Сæумæцъæхæй рабадти Белграды - 156. Æмæ уайтагъд балæууыд Новграды,
Æмæ Ярославы стыр ном фегад… - 157. Уырдыгæй цъæх бирæгъау фæлидзæг
Дудутокæй Немигайы донмæ…
Уым та най нæ фæкæнынц куыристæй –
Уым лæджы сæртæ фæкалынц найæн! –
Най та сæ фæкæнынц уым дзæккортæй! –
Адæймаджы рафæлдахынц мусы,
Уым ын йæ уд дымгæмæ ныддарынц
Æмæ йæ фæхицæн кæнынц буарæй! - 158. Охх, Немигæ-доны былтæ хорæй
Не сты тыд – ыстæгдартæ дзы байтыд,
Иууыл – руссаг тугахуырст ыстджытæ!.. - 159. Боныгон Всеслав тæрхæттæ кодта
Адæмæн, зæххытæ уæрста кънйæзтæн,
Æхсæв та-иу бирæгъау хæтыди,
Киевæй-иу раст Тмутараканмæ
Бахæццæ кæркуасæнты, æваст-иу
Хорс – хуыцауæй бирæгъау фæразæй! - 160. О! Сæумæйыл-иу ын аргъуан цагътой
Полоцкы Софйайы, уæд уый та
Киеваг аргъуанцæгъдынмæ хъуыста! - 161. Æмæ кæд уый арфхъуыдыджын зондæй,
Æмæ кæд хъæбатыр уыди буарæй,
Бавзæрста уæддæр бæллæхтæ бирæ! - 162. Æмæ ууыл зарыди Боян дæр:
- 163. «Зил дæлзæхты, тæх уæлæрвты маргъау,
Нæй уæддæр дын фервæзæн хъысмæтæй!» - 164. Ох-хай, Руссы зæхх, дзыназгæ, ниугæ,
Мыс дæ рагон кънйæзты, стæй сæ заман,
Мыс æмæ дæ былыцъæрттæ бахсын! - 165. Фæлæ кæм, кæм! – Киевы хæхтæм дын
Бабæттæн æмæ хуыйæн кæцæй уыд
Зæронд буц Владимиры мыггагмæ! - 166. Йе ’фсæдтæ ныр дæр æгас бæргæ сты, –
Иу хай – Рюрикмæ, Давидмæ – иннæ, –
Тырысатæ хицæнтæй фæйлауынц, - 167. Цирхъытæ дæр хицæнтæй æрттивынц!
- 168. Игорь хъусы… Ярославнæ дардæй
Зары – ниуы йе ’нæзынд быдырмæ,
Бацъыбар – цъыбур кæны бæлонау: - 169. «Урс бæлонау атæхон Донаймæ,
- 170. Атулон мæ уырддзарм дыс Каялы,
- 171. Асæрфон йæ сырх хъæдгæмттæ кънйазæн
Йе ’хсарджын, йæ сæнтурс – урсид буарыл…» - 172. Путивлы сæумæйыл Ярославнæ
Слæууыд сисыл æмæ зары хъарæг: - 173. «Дымгæ, хицау! Рогæй ма тæх, ма дым!
- 174. Ме скасты æфсадыл фæттæ ма згъал!
- 175. Уый бæсты бæрзонд æврæгътæм адым,
Денджызты, фæйлаугæ, узæл наутыл, - 176. Науæд ды дымыс, дымыс мæ удыл
Æмæ сагъæссаг кæныс мæ хъæлдзæг…» - 177. Уым, Путивлы, мæгуырæг сæумæйæ
Лæууы сисыл æмæ зары хъарæг: - 178. «О ды, Днепр, мæхи Днипро Славутич!
Ды цæуыс хæтойты зæххыл дардæй,
Рафæд кодтай дурын арф къæдзæхты! - 179. Ды рæвдыдтай Святославы хурты,
Хастай сæ Кобякы зæхмæ де ’ккой… - 180. Раздах – ма мын ме скасты мæхимæ,
Кæд сæумæйыл фурды сæрты демæ
Нал æрвитин уымæн æз мæ цæссыг!..» - 181. Раджы, сæумæраджы уый Путивлы
Лæууы сисыл æмæ зары хъарæг: - 182. «Тавæг Хур, æртыхъарм тауæг рухс Хур,
Алкæуыл æрмæст дæ хъарм куы тауыс, - 183. Уæд дæ зынг тынтæ цæмæн ныккалдтай
Арвæй ме скасты хæцæг æфсадыл?
Дойныйæ сæ ’нæдон зæххыл марыс,
Се ’рдынбостæ сын ныхъхъæбæр кодтай,
Сæхгæдтай сын сæ фатдон – сагъадахътæ…» - 184. Сфæйлыдта æмбисæхсæвтыл денджыз.
Саудар мигътæ денджызæй лæбурынц:
Игорæн уæд амоны фæндæгтæ
Стыр хуыцау хæтойты зæххæй Руссмæ –
йæ фыдæлты цæрæнмæ – сæ фынгмæ. - 185. Изæрмилтæ мигъты ’хсæн лæзæрынц…
Игорь у фынæй, фынæй нæу Игорь,
Ныр уый базырджын хъуыдытæй бары
Лидзæн тыгъд быдыр Донецæй Донмæ. - 186. Доны фале Овлур фехситт кодта,
Цыма бæхмæ сиды, зæгъгæ, бамбар:
«Рацу, Игорь, уацарадæй лидзæм». - 187. Дымгæ ниуы, тыгьд быдыры зилы,
Базмæлыди кæрдæг, зæхх нынкъуысти,
Барызтысты хæтойты мусонгтæ,
Ададжы бæрзонд хъамыл ысрызтис
Æмæ гуым-гуым уымæл зæххыл айхъуыст… - 188. Игорь хъæзы мыстулæгау, смидæг,
Рауад, аццау аныгьуылди доны, - 189. Уадау уайаг дугъон бæхыл абадт;
Бирагъау цъæх уыгæрдæнты згъордта; - 190. Уарийау сылæг мигъты ’хсæн тахти
Æмæ цагъта бабызтæ ’мæ хъазтæ
Аходæн, сихор æмæ ’хсæвæрæн, - 191. Æмæ тахтис уарийау кънйаз Игорь,
Бирæгъау Овлур йæ фæдыл уади,
Бырстой размæ æртæх кæрдæджы, –
Сæ бæхтæ фыр уадæй фæмард сты.
Сынт нæ уасыд, цъйахты ныхас бамыр,
Дзæгъындзæджыты цъыр-цъыр нæ хъуысти.
Æрмæст хъæдхойтæн цыди сæ къупп-къупп –
Амыдтой, куыд цæуын хъæуы донмæ,
Булæмæргъты зарын та æвдыста,
Арвыл тагъд кæй фæзындзæн сæуæхсид… - 192. Донец дзуры:
- 193. «Фаг дын уæд, кънйаз Игорь.
Бацархайдтай де стыр цыт, дæ кадыл,
Кончакы та ’лгъысты хай фæкодтай,
Руссы бæстæн радтай рухс æхсызгон!» - 194. Æмæ ратты Игорь дзуапп Донецæн:
- 195. « Донец, хæлхæлгæнаг уылæнджын!
Кад æмæ дын намыс уæд дæуæн дæр,
Мæн кæй рæвдыдтай фæлмæн уылæнтыл,
Кæй мын тыдтай мæ быны цъæх кæрдæг
Де ’взист былгæрон – фæлмæн хуыссæнуат,
Саудалынг æхсæвты мæ дæ хъармæй
Кæй рæвдыдтай цъæх бæлæсты аууон; - 196. Бабызау кæй хызтай мæн дæ былыл,
Дымгæты уа, уылæнты – æдзух мæ
Хъахъхъæдтай ды доныхъазау, аццау… - 197. Фæлæ Стугна нæу, Донец, дæу хуызæн!
Иннæ дæтты цъиры æмæ нуазы,
Æрхытæ ’мæ къутæртыл æнхъæвзы!..
Аныхъуырдта ’взонг кънйаз Ростиславы,
Æмæ Днепры талынг былгæроны, - 198. Мад дзыназы йæ зынгхуыст хъæбулыл;
- 199. Тæригъæдæй дидинджытæ ’руайынц,
Бæлæстæ æртасыдысты ’нкъардæй…» - 200. Циу, цы уа! Дзæгъындзæджытæ хъæды
Тарст дзæгъ-дзæгъ, мыййаг, нæ кæнынц, уыдон
Гзак æмæ Кончак фæбырынц сурæг. - 201. См. фрагмент 191
- 202. См. фрагмент 191
- 203. Дзуры Гзак, фæдисгæнгæ, Кончакмæ:
- 204. «Уари кæд сæхимæ атахт, фервæзт, –
Йе ’взонг лæппын нал атæхдзæн махæй:
Милæн æй æрæвæрдзысты тыгъды,
Фехсдзыстæм æй нæ сыгъзæрин фæттæй». - 205. Уæд Кончак æлгъыстаг Гзакмæ дзуры:
- 206. «Уари кæд сæхимæ атахт, фервæзт, –
Лæппын уари баст æрцæудзæн фидар
Рæхысæй – рæхыс та у рæсугъд чызг». - 207. Гзак та дзуаппæн бадзуры Кончакмæ:
- 208. «Лæппыны куы бабæттай дæ чызгæй –
Нал дæр нын уыдзæн æрыгон уари,
Нал дæр нын дæ рæсугъд чызг уыдзæни;
Сæ цот та нæ тыгъд быдыры сомбон
Хæтæны хуыргæрчытау цæгъддзысты». - 209. Рагзаманы стыр хабæрттыл зараг,
Ярослав æмæ Олегыл зараг,
Ахæм зарæг зарыд Святославыл: - 210. «Сæр æдых у æнæ тыхджын буарæй,
Буар æнæ зондджын сæрæй æдых у».
Руссы зæххæн дæр зын уыдис уыйау,
Æнæхсарджын Игорь, æнæ кънйазæй… - 211. Фæлæ арвыл хурзæрин нырттывта:
Руссаг зæхмæ раздæхти кънйаз Игорь. - 212. Зарын систой чызджытæ Донайы,
Зардмæ хъусы фурды сæрты Киев. - 213. Игорь раст Беричевмæ фæцæуы –
Бакува дзы авдсæрон аргъуаны. - 214. Хъæутæ райынц, горæттæ сты хъæлдзæг.
- 215. Нырмæ зарыдысты рагон кънйæзтыл,
Ныр та заргæ у æрыгон кънйæзтыл. - 216. Мах дæр базарæм: – Намыс Игорæн!
Кад дын, Всеволод, намыс дын!
Святослав Оледжы фырт, намыс дын!
Намыс Игоры фырт Владимирæн! - 217. Цæрæнт балхонтæ æмæ се ’фсæдтæ!
Кад чырыстæттæн, цæгъдæнт муртакты! - 218. Намыс балхонтæн æмæ се ’фсадæн!
Ссылка
Если вы используете корпус в научной работе, пожалуйста, сошлитесь на эту публикацию:
Орехов Б. В. Параллельный корпус переводов «Слова о полку Игореве»: итоги и перспективы // Национальный корпус русского языка: 2006—2008. Новые результаты и перспективы. — СПб.: Нестор-История, 2009. — С. 462—473.